Ивгъуыд къуырийы 3 "Ӕ" къласы ахуырдзаутӕ бабӕрӕг кодтой райгуырӕн бӕстӕйы сӕрыл тохы чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты номыл цыртдзӕвӕнтӕ ӕмӕ Суаргомы хъахъхъӕнджыты музей. Сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой хӕсты уӕззау цард ӕмӕ советон адӕмы тырнындзинад уӕлахизмӕ...